Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 739 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 072 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 739 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 072 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 739 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 3 072   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 52 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  45 153 адæймагæн, сæ  нымæцы –  28 160  антигены тестæй  æмæ   16 993  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 6,07%, фæстаг 14 боны –  6,58%, фæстаг  7 боны  – 6,19%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   916 477    цау, уыдонæй  869 411 сæнæниз сты, 13 221  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 414 722  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13 878.

Карантины режимы сты 35 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 488, клиникон фысымуаты ис  1 001   уæнгы.

Знон, 21  декабры Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 282  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 263 пациент, 53 адæймаг та  амард.