Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 716 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 551 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 716 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 551 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 716  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 551   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 16 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  19 857  адæймагæн, сæ  нымæцы – 17 226 антигены тестæй  æмæ   2 631 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 8,64%,, фæстаг 14 боны –  13,98%,  фæстаг  7 боны  – 10,7%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 637 691   цау, уыдонæй  1 590 380   сæнæниз сты, 16 585  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 834 936  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 613.

Знон, 14 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  466 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  2 944  пациент, 15 адæймаг та  амард.