Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 700  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 7 002  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 700 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 7 002 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 700  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 7 002   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 28 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  9 572    адæймагæн, сæ  нымæцы –  6 738  антигены тестæй  æмæ   2 834  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 17,76%,, фæстаг 14 боны –  20,84%,  фæстаг  7 боны  – 17,49%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 625 372    цау, уыдонæй  1 554 533    сæнæниз сты, 16 366   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 825 833   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 550.

Знон, 5  марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 033   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  8 118  пациент, 32 адæймаг та  амард.