Гуырдзыстоны хицауад Иран-Азербайджаны æхгæд арæныл баззайæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  бæстæмæ æрласта, уыдоны  фæхæццæ кодтой карантинмæ
Гуырдзыстоны хицауад Иран-Азербайджаны æхгæд арæныл баззайæг Гуырдзыстоны æмбæстæгты бæстæмæ æрласта, уыдоны фæхæццæ кодтой карантинмæ

Гуырдзыстоны хицауад  бæрæг бæстæтимæ  активон  куысты  фæстиуæгæн,  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты,  кæцытæ коронавирусы ахæлиуы  превенцийы  тыххæй  Азербайджаны æмæ Ираны  æхсæн, арæн æрыхгæды æфсонæй  баззадысты  Ираны территорийыл, æнæнизхъахъхъæды  министрады рекомендацигонд протокол хъахъхъæнгæйæ,  æмбæлгæ  транспортæй  Гуырдзыстонмæ æрласта, –  уый фæдыл, Гуырдзыстоны фæсарæн  хъуыддæгты министры хæдивæг, Александре  Хвтисиашвили  райхъусын кодта.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,  æмбæстæгтæн, арæныл  сæ размæ рацыдысты   уæлвæтк уавæрты   координацийы  æмæ  æнæаргъæвгæ  æххуысы  центры  кусджытæ.

«Уыдонæн бынатыл  хъæугæ басгæрст сырæзт æмæ специалонæй  рахицæнгонд тренспортæй сæ аластой  карантинон  уагдонмæ», – банысан кодта фæсарæн хъуыддæгты  министры  хæдивæг.

Информацийы  хусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад.