Гуырдзыстоны хицауад – 2024 азы дыккаг  кварталы  æгуыстдзинады æмвæзад историон минимумы  онг фæкъаддæр ис
Гуырдзыстоны хицауад – 2024 азы дыккаг кварталы æгуыстдзинады æмвæзад историон минимумы онг фæкъаддæр ис

2024 азы дыккаг  кварталы  æгуыстдзинады  æмвæз  историон  минимумы  онг фæкъаддар ис, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны хицауады  веб-фасрыл   публикацигонд информацийы  дзырдæуы.

Гуырдзыстоны хицауады хъусинагæй,   раззаг азы дыккаг   кварталимæ абаргæйæ,  æгуыстдзинады  æмвæзад –нысаниугджынæй – 3.1 процентон   пунктæй  фæкъаддæр ис æмæ 13.7  проценты бæрц у.

«Æххуырс кусджыты  нымæц 19.1 процентæй  райрæзтис æмæ  935.8  мины бæрц  ссис, æрмæст   хæдархайджыты  нымæц 41.3 минæй райрæзтис æмæ   451.5 мины бæрц у» – банысангонд у  Гуырдзыстоны  хицауады  публикацигонд фидиуæны.