Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысан кæнынæн, Рио-де-Жанейройы сæйраг нысаниуæгджын бынат – Чырыстийы цыртсурæт  Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысан кæнынæн, Рио-де-Жанейройы сæйраг нысаниуæгджын бынат – Чырыстийы цыртсурæт Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис

Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысан кæнынæн, Бразилийы, Рио-де-Жанейройы сæйраг нысаниуæгджын бынат – Чырыстийы цыртсурæт Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад.

Министрады информацимæ гæсгæ, хæдбардзинады бон дунейы 50-йæ фылдæр горæты, Гуырдзыстоны минæварадты организгондæй, бæрæгбон цæуы.

«Хæдбардзинады боны бæрæгбон æппæтдунеонæй райдыдта, Гуырдзыстоны минæварадты организацигондæй. Гуырдзыстоны дипломатон мисситæ ацы бон нысан кæнынц æндæр æмæ æндæр мадзæлттæй. Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон банысан кæныны тыххæй, Бразилийы Рио-де-Жанейройы сæйраг нысаниуæгджын бынат – ирвæзынгæнæг Чырыстийы статуя Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис.

Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны минæварадты организгондæй, Хæдбардзинады бон дунейы 50-йæ фылдæр горæты бæрæгбон цæуы», -ис фыст информацийы.