Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæнфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава хиизоляцийы ис
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæнфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава хиизоляцийы ис.
Уый фæдыл уагдоны ахæлиугонд фидиуæны дзырдæуы. Сæ информацийæ, аххос у ковид-рынчынимæ хæстæг контакт.
«Ковид-рынчынимæ хæстæг контакты тыххæй, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава хиизоляцимæ ахызт. Ацы этапмæ уымæ «ковид-19»-ы симптомтæ нæ фæбæрæг сты æмæ йæхи дзæбæх хаты», – банысангонд у министрады информацийы.