Гуырдзыстоны Германийы минæварады информацийæ, Германийы Бундестагы вице-президент 18 июлы Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн
Гуырдзыстоны Германийы минæварады информацийæ, Германийы Бундестагы вице-президент Катрин Геринг-Экардт 18 июлы Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн.
Минæварады информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, Германи йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны тыхархайдæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæ реализацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, вице-президенты фæнды, йæ къух саразын Евроцдæисы кандидаты статус райсынæн æнæмæнгхъæугæ рекомендацитæ сыххæст кæныны.
«Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессивон хæсты тыххæй Германийы бундестагы вице-президент Катрин Геринг-Экардт 2022 азы 18 июлы Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн. Геринг-Экардт æрзонгæ уыдзæн хæсты фæстиуджытимæ æмæ Гуырдзыстоны фидæны перспективæтимæ. Вице-преизденты фæнды йæ къух саразын Евроцæдисы кандидаты статус райсынæн æнæмæнгхъæугæ хæслæвæрдтæ сыххæсты хъуыддаджы. Германи йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны тыхархайдæн, Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæ реализацийы. Вице-президент Тбилисы бадзырдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны парламенты сæрдаримæ, æмæ Гуырдзыстоны президентимæ. Уымæй уæлдай ма, Геринг-Экардт 2022 азы 19 июлы хайад райсдзæн Генрих Биолы фонды организацигонд æхсæнадон дискуссийы темæйыл «Культурæ – Демократи – Европæ: ресурс æмæ русхдæттæг сталы Гуырдзыстонæн». 2022 азы 20 июлы, Катрин Геринг-Экардт абалц кæндзæн Сомихыстонмæ», – дзырдæуы информацийы.