Киевы Германийы минæварад йæ куыст сног кодта
Киевы Германийы минæварад йæ куыст сног кодта

 

Киевы  Германийы минæварад йæ куыст сног кодта.  Фæнысангонды фæдыл информаци, минæварад сæрмагонд «Твиттеры» фарсыл  публикаци скодта.

«Æрыздæхтыстæм, знон Германийы минæварад  сног кодта куыст Киевы. Фæсарæн хъуыддæгты  министр, Аналена  Бербок  Германийы  тырыса уæлæмæ схæцыд  минæварады бæстыхайы размæ», –  дзырдæуы публикацийы.

Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Украинамæ визиты рæстæджы банысан кодта, цæмæй  минæварад гом кæны  дипломатты минималон  минæварадæй  æмæ кусдзæн арæнгонд форматы.

Германийы минæварад Киевы йæ куыст  Уæрæсейы  Украинамæ  бырсты цъус рæстæг агъоммæ  аскуыдта.