Германийы минæварад – абон  гуырдзиаг сæны бон у,  афæдзы фыццаг æрдæджы  Германимæ гуырдзиаг сæны  экспорт 27%-æй райрæзтис,  æхсызгон нын у  ацы тенденций тыххæй
Германийы минæварад – абон гуырдзиаг сæны бон у, афæдзы фыццаг æрдæджы Германимæ гуырдзиаг сæны экспорт 27%-æй райрæзтис, æхсызгон нын у ацы тенденций тыххæй

Гуырдзыстоны Германийы  минæварады информацийæ,   цæугæ азы  фыццаг æрдæджа  494 000 литр   гуырдзиаг сæн  ацыд  Германимæ  экспортмæ.

Минæварад «Фейсбук» фарсыл куыд фыссы афтæмæй,   уый  нысан кæны ома  2021  азы   аналогион периодимæ абаргæйæ,  Германимæ  сæны  экспорт  райрæзтис  27%-æй.

«Абон гуырдзиаг сæны бон у! Зыдтат уый, цæмæй  цæугæ азы  фыццаг æрдæджы  494 000 литр гуырдзиаг сæн уыдис æрвыст Германимæ  экспортмæ, кæцы  уый нысан кæны, ома 2021  азы   аналогион периодимæ абаргæйæ  Германимæ сæны экспорт  райрæзтис 27%-æй.

Æхсызгон нын у ацы  рæзгæ  тенденци!» – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  Германийы минæварады  публикацигонд  информацийы.