Германийы бундестаг бæлвырд кæны фарсхæцын Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинайæн Европаг фæндагыл

18:42, 02.05.2022

Германийы бундестаг  бæлвырд кæны  йæ фарсхæцын, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украинайæн Европаг  фæндагыл, –  уый æдыл  информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  Германийы  минæварад.

Минæварады хъусинагæй, Германийы  парламент 2022 азы  28 апрелы  райста  резолюци, «Бахъахъхъæнæм сабырдзинад  æмæ сæрибардзинад»  æмæ уым  парламент разы у Германийы  Федерацион хицауады Украинайæн æххуысимæ, кæцы афтæдæр æххæссы  уæззау хæцæнгарзæй ифтонгадмæ.

«Уый фæдыл  Бундестаг  бæлвырд кæны, Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн фарсхæцын  «сæ европаг фæндагыл».  Парламенты хъуыдыйæ, Евроцæдисы фæдыл бадзырды 49-æм статийы  домæнты сыххæст Евроцæдисы уæнгдзинады разæууæл у», – банысангонд у Германийы минæварады информацийы.

Хуыздæр