Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл рæхджы ацæудзæн Васил Магълаперидзейы авторон проект «Нæ Гуырдзыстон»

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл рæхджы фæзындзæнис Васил Магълаперидзейы авторон  проект  «Чвени Сакартвело».  Документон сериал  «Зæлдаг Фæндаджы Кавказаг магистрал –  Дарьялы комæй  Хорнабуджы онг».

Документон фильмты серийæ  нын радзурыдзысты, куыд  сæвзæрдис Гуырдзыстон, цы тæфаг уыд æмæ ис Дунейы цæугæ  процесстæн  нæ бæстæйыл.

Куыд цардысты æмæ цы  куыст кодтой  гуырдзиæгтæ.  Хуыздæр базондзыстæм нæ бæстæйы  географи, æрдзы æмæ  адæймæгты къухæй  фæлдыст  цырттæ.   Базондзыстæм, цы иу кæны  кæрæдзиимæ  æрдзæй, климатæй, цардуагæй, равг  æмæ  æвзаджы здæхтæй хъауджы нæ бæстæйы æндæр æмæ ндæр  рæттæ.  Куыд арызт уыд незаманы  дугæй,  иумæйаг культурон  тыгъдад æмæ  иугонд бæстæ,   кæцы хуыйны Гуырдзыстон.