Гуырдзыстоны Фыццаг Канал цæттæ у эфиры рæстæг рахицæн кæнын, дыккаг турмæ ахизæг кандидаттæн дебаттæ ауадзынæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал цæттæ у эфиры рæстæг рахицæн кæнын, дыккаг турмæ ахизæг кандидаттæн дебаттæ ауадзынæн

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  цæттæ у,  парламентон æвзæрстыты  дыккаг турмæ чи ахызт,  уыцы  кандидаттæн  дебаттæ ауадзынæн,  эфиры рæстæг рахицæн кæнын.

ЦÆК-ы  развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ,  дыккаг тур  ацæудзæн 16  зылды 21  ноябры.  Дыккаг турмæ чи ахызт,  алы уыцы  кандидатæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  æнхъары  дебаттæ ауадзын æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ, æмбæрц  уавæртæ æмæ рæстæг, æвзæрстгæнджытæн сæрмагонд цæстæнгас æмæ  позицитæ базонын кæнынæн.

Дебатты форматы фæдыл  деталон информаци, хайадисджытæм лæвæрд æрцæудзæн рагафон, проекты  хайадыл куыддæр сразы уой  афтæмæй.