Гуырдзыстоны ФХМ, оккупацигонд Абхазы цæугæ а.х. президентон æвзæрстыты фæдыл куырдиат аразы
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад аразы куырдиат 2020 азы 22 мартмы оккупацигонд Абхазы регионы цæугæ а.х президентон æвзæрстыты дзуаппæн, кæцы уагдоны хъусинагæй, æххæстæй йæ ныхмæ у æхсæнадæмон барады фундаментон нормæтæн æмæ принциптæн æмæ гуырымыхъхъæ халы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад.
«Фæнысангонд а.х. æвзæрстытæ æнæзакъонон сты æмæ нæ ратдзысты искæцы барадон фæстиуæг, Аюхазы регоины сæххæст этникон ныссыгъдæджы цалдæр уылæны фæстиуæгæн уырдгæй расургæ æрдæг милуаны онг тыхыбын бынативгæ гоймаг æмæ лигъдонмæ лæвæрд куы нæ цæуы фадат сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхын, æрмæст бынатыл эффективон контрол æнæхъæнæй æххæст кæны Уæрæсейы оккупацион тых. А.х æвзæрстытæ сты Абхазы регоны сæххæст этникон ныссыгъдæджы, цæугæ æнæзакъонон оккупацийы æмæ фактон анексийы процессы легитимацийы æнæнтыст архайд.
Æхсæнадæмон æмгарад æнæфæцудгæйæ йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны сувернитет æмæ территорион æнæхъæндзиадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты, нымадмæ нæ исы оккупацигонд территоритыл уагъд а.х. æвзæрстыты æмæ нæ бафидаудзæн Гуырдзыстоны суверенон арæнты тыхбын раивын архайдимæ Уæрæсейы æрдгæй.
Фæсарæн зхуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна йæхимæ цы хæстæ райста уыдон, акæна йæ фсад Гуырдзыстоны территорийæ æмæ фæива æнæзакъонон уынаффæ оккупацигонд регионты а.х. хæдбарады фæдыл.
Фæсарæн хъуыддæгты министрад афтæдæр æрсидтис æхсæнадæмон дзыллæмæ, æмбæлон аргъ скæнæнт æмæ архайдон мадзæлттæ райсæнт оккупацигонд территорийыл цæугæ æнæзакъонон процесстæ бауромынæн»- хъусын кæнынц Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдоны.