Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Женевæйы  бадзырдты 48-æм раунды тыххæй публикаци  кæны фидиуæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Женевæйы бадзырдты 48-æм раунды тыххæй публикаци кæны фидиуæн

Женевæйы   æхсæнадæмон   бадзырдты 48-æм раунды  хайадисджытæ  Гуырдзыстонæй, хъусдард раздæхтой   этникон ныссыгъдæджы  фæстиуæгæн  Абхазы æмæ Цхинвалы  регионтæй  тыхыбын бынативгæ  уæнгты æмæ лиæгъдæтты  æдас æмæ  аккагæй  æрыздæхыны   темæйы лæмбынæг   касты  нысаниуæгы  æрдæм.   Фæлæ   фæнысангонд фарстыл  дискуссийы рæстæджы, хайадисджытæ  Мæскуыйæ, Сухумæй  æмæ  Цхинвалæй, бадзырдтæ фæуагъдтой, цæмæй  дæр ноджы  иу  хатт  равдыстой  сæ  деструкцион   æмæ æнæбæрнон   ахаст  боны фæткъы иуæй-иу сæйраг гуманитарон  темæйы æрдæм –   уый тыххæй  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады 2-3  июлы  Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты 48-æм раундмæ гæсгæ ахæлиугонд  фидиуæны у  банысангонд.

Фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны  хъусинагæй,  бадзырдты  48-æм раунды  фæлгæтты  сæрмагонд акцент арызт æрцыд   Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны  æрдæм  арæнгæнæг   мадзæлтты  уагæвæрдыл æмæ  Абхазы  регионы   оккупацион  хаххы   æрыхгæныны  уæззау фæстиуджытыл.

«Гуырдзиаг хайадисджытæ  банысан кодтой. Цæмæй  иттæг   нысаниуæгджын у  ууæвæг  карз  ситуацийы  æрцæуа   уавæры деескалаци.

Бадзырдты фæлгæтты Гуырдзыстоны минæвæрттæ  уæрæхæй  фæныхас кодтой   Абхазы æмæ  Цхинвалы   регионты  афтæдæр, куыд оккупацион   хаххы  гæрон  территоритыл   æдасдзинады æмæ  гуманитарон   æрдгæй  уæвæг быцæусидтытыл, кæцы у  Уæрæсейы æрдгæй æнæзакъонон оккупацийы  æмæ  фактон   анексийы æрдæм арызт  къахдзæфты фæстиуæг.

Гуырдзиаг хайадисджытæ  сæвæрдтой  Уæрæсейы æрдгæй  оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты  æнæщзакъонон  милитаризацийы  æмæ æфсæддон  ахуырты фæактивон кæныны  фарста.   Уыдон æрсидтысты   Уæрæсейы  Федерацимæ, сæххæст кæна   Евроцæдисы  æхсæныбацыдæй  2008  азы 12  августы   æвæрд   æхсæты  фæурæды  фæдыл  бадзырды   хæслæвæрдтæ  æмæ  акæна  йæ оккупацион æфсæддæ Гуырдзыстоны территоритæй» –  хъусын кæнынц   æддагполитикъон уагдоны.

Афтæдæр  сæ хъусинагæй, бадзырдтыл   сæрмагонд акцент  арызт æрцыд  Абхазы регионы а.х.  ахизæн  пунктыты  æрхгæды  уæззау  гуманитарон  фæстиуджытыл.   Æмсæрдæрттæ,   æммодератортæ  æмæ  хайадисджытæ АИШ-æй æмæ  Гуырдзыстонæй  баздæхтысты  Уæрæсейы  Федерацимæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ  авæра къахдзæфтæ   Абхазы   æрдæм  оккупацион  хаххы  фегом  кæныны  нысанæй.

Афтæдæр сæ  хъусинагæй,   бадзырдтыл  æнæиу хатт   бахахх ис  Галы инцидентты  маруадзыны  æмæ сыл реагир кæныны   механизмы, цыфæнды разæууæлæй цух,  сног кæныны æнæмæнгхъæугæдзинад,  кæцы  сæрмагондæй  нысаниуæгджын у  уæвæг быцæусидтыты  фоныл.

«Бадзырдтыл Гуырдзыстоны минæвæрттæ  бавдыстой  Уæрæсейыæрдгæй тыхæй æнæспайдайы хæсисты  сбæлвырд кæныны  æмæ  сæххæсты æнæмæнгхъæугæдзинады   фарста, уыцы  фоныл, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл æнæзкъонон   æфсæддон уæвындзинадæй  Уæрæсе куы дарддæр кæны   Гуырдзыстоны ныхмæ   тыхæй  пайда кæнын.   Акцент  сырæзт  Абхазы æмæ Цхинвалы   регионты   æдасдзинады   æхсæнадæмон   механизмты  саразыны  хъæугæдзинадыл  бынатыл  æнæфæцудгæ  сабырады æмæ  æдасдзинадмæ æрцæуыны нысанæй.

Хайадисджытæ  Гуырдзыстоны  сæ хъусдард  мцырын кодтой   этникъон ныссыгъдæджы  фæстиуæгæн  Абхазы æмæ  Цхинвалы регионтæй  тыхыбын  бынативгæ  уæнгты æмæ æлигъдæтты  æдас æмæ аккаг  æрыздæхыны темæйы   лæмбынæг   касты  нысаниуæгыл.  Фæлæ  фæнысангонд  дискуссийы рæстæджы  хайадисджытæ Мæскуыйæ, Сухумæй æмæ  Цхинвалæй   бадзырдтæ фæуагъдтой, цæмæй дæр ноджы иу хатт равдыстой  д сæ деструкцион  æмæ æнæбæрнон  ахаст  боны  фæткъы  иуæй-иу  сæйраг гуманитарон  темæйы  æрдæм» – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Уагдоны  информацийæ  бадзырдты  радон раунд  ацæудзæн  2019 азы  8-9 октябры.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийæ,  Женевæйы æхсæнадæмон   бадзырдтæ арызт сты  2008  азы 12 августы  æхсты фæурæды фæдыл  бадзырды бындурыл.  Дискусситæ цæуынц  дыууæ   кусæн къорды фæлгæтты,  кæцытыл бадзырдты  хайадисджытæ  индивидуалон   статусæй  сты  бавдыст.  Фыццаг кусæн къорды  фæлгæтты  кастæуы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл  кусæн  æдасдзинады æмæ стабилондзинады   фарстатæ, æрмæст  иннæ  кусæн къорды –  Абхазы æмæ Цхинвалы регионты  адæймаджы барты æмæ гуманитарон  æрдгæй  уæвæг уавæр, афтæдæр   тыхыбын бынативгæ  уæнгты æмæ лигъдæтты аккаг æмæ æдас æрыздæхынимæ баст фарстатæ. Бадзырдтæ  цæуынц  Евроцæдисы, ИНО-йы æмæ ЕÆÆО-ы  æмсæрдариуæгæй  æмæ  Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы  æмæ Америкæйы  Иугонд Штатты  хайадисгæйæ.  Кусæн къорды фембæлдты хайад афтæдæр исынц раздæры Хуссар Ирыстоны  автономион  бæстæйы  рæстæгмæ  администрацийы  къухдариуæггæнæг æмæ Абхазы  автономион  республикæйы  хицауады  сæрдар,  афтæ куыд   Цхинвалы æмæ  Сухумы  оккупацион режимты минæвæрттæ