Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 48-æм раунды хайадисджытæ Гуырдзыстонæй, хъусдард раздæхтой этникон ныссыгъдæджы фæстиуæгæн Абхазы æмæ Цхинвалы регионтæй тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ лиæгъдæтты æдас æмæ аккагæй æрыздæхыны темæйы лæмбынæг касты нысаниуæгы æрдæм. Фæлæ фæнысангонд фарстыл дискуссийы рæстæджы, хайадисджытæ Мæскуыйæ, Сухумæй æмæ Цхинвалæй, бадзырдтæ фæуагъдтой, цæмæй дæр ноджы иу хатт равдыстой сæ деструкцион æмæ æнæбæрнон ахаст боны фæткъы иуæй-иу сæйраг гуманитарон темæйы æрдæм – уый тыххæй Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады 2-3 июлы Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты 48-æм раундмæ гæсгæ ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны хъусинагæй, бадзырдты 48-æм раунды фæлгæтты сæрмагонд акцент арызт æрцыд Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны æрдæм арæнгæнæг мадзæлтты уагæвæрдыл æмæ Абхазы регионы оккупацион хаххы æрыхгæныны уæззау фæстиуджытыл.
«Гуырдзиаг хайадисджытæ банысан кодтой. Цæмæй иттæг нысаниуæгджын у ууæвæг карз ситуацийы æрцæуа уавæры деескалаци.
Бадзырдты фæлгæтты Гуырдзыстоны минæвæрттæ уæрæхæй фæныхас кодтой Абхазы æмæ Цхинвалы регионты афтæдæр, куыд оккупацион хаххы гæрон территоритыл æдасдзинады æмæ гуманитарон æрдгæй уæвæг быцæусидтытыл, кæцы у Уæрæсейы æрдгæй æнæзакъонон оккупацийы æмæ фактон анексийы æрдæм арызт къахдзæфты фæстиуæг.
Гуырдзиаг хайадисджытæ сæвæрдтой Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты æнæщзакъонон милитаризацийы æмæ æфсæддон ахуырты фæактивон кæныны фарста. Уыдон æрсидтысты Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна Евроцæдисы æхсæныбацыдæй 2008 азы 12 августы æвæрд æхсæты фæурæды фæдыл бадзырды хæслæвæрдтæ æмæ акæна йæ оккупацион æфсæддæ Гуырдзыстоны территоритæй» – хъусын кæнынц æддагполитикъон уагдоны.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, бадзырдтыл сæрмагонд акцент арызт æрцыд Абхазы регионы а.х. ахизæн пунктыты æрхгæды уæззау гуманитарон фæстиуджытыл. Æмсæрдæрттæ, æммодератортæ æмæ хайадисджытæ АИШ-æй æмæ Гуырдзыстонæй баздæхтысты Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ авæра къахдзæфтæ Абхазы æрдæм оккупацион хаххы фегом кæныны нысанæй.
Афтæдæр сæ хъусинагæй, бадзырдтыл æнæиу хатт бахахх ис Галы инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагир кæныны механизмы, цыфæнды разæууæлæй цух, сног кæныны æнæмæнгхъæугæдзинад, кæцы сæрмагондæй нысаниуæгджын у уæвæг быцæусидтыты фоныл.
«Бадзырдтыл Гуырдзыстоны минæвæрттæ бавдыстой Уæрæсейыæрдгæй тыхæй æнæспайдайы хæсисты сбæлвырд кæныны æмæ сæххæсты æнæмæнгхъæугæдзинады фарста, уыцы фоныл, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл æнæзкъонон æфсæддон уæвындзинадæй Уæрæсе куы дарддæр кæны Гуырдзыстоны ныхмæ тыхæй пайда кæнын. Акцент сырæзт Абхазы æмæ Цхинвалы регионты æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты саразыны хъæугæдзинадыл бынатыл æнæфæцудгæ сабырады æмæ æдасдзинадмæ æрцæуыны нысанæй.
Хайадисджытæ Гуырдзыстоны сæ хъусдард мцырын кодтой этникъон ныссыгъдæджы фæстиуæгæн Абхазы æмæ Цхинвалы регионтæй тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ æлигъдæтты æдас æмæ аккаг æрыздæхыны темæйы лæмбынæг касты нысаниуæгыл. Фæлæ фæнысангонд дискуссийы рæстæджы хайадисджытæ Мæскуыйæ, Сухумæй æмæ Цхинвалæй бадзырдтæ фæуагъдтой, цæмæй дæр ноджы иу хатт равдыстой д сæ деструкцион æмæ æнæбæрнон ахаст боны фæткъы иуæй-иу сæйраг гуманитарон темæйы æрдæм» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Уагдоны информацийæ бадзырдты радон раунд ацæудзæн 2019 азы 8-9 октябры.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдтæ арызт сты 2008 азы 12 августы æхсты фæурæды фæдыл бадзырды бындурыл. Дискусситæ цæуынц дыууæ кусæн къорды фæлгæтты, кæцытыл бадзырдты хайадисджытæ индивидуалон статусæй сты бавдыст. Фыццаг кусæн къорды фæлгæтты кастæуы оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл кусæн æдасдзинады æмæ стабилондзинады фарстатæ, æрмæст иннæ кусæн къорды – Абхазы æмæ Цхинвалы регионты адæймаджы барты æмæ гуманитарон æрдгæй уæвæг уавæр, афтæдæр тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты аккаг æмæ æдас æрыздæхынимæ баст фарстатæ. Бадзырдтæ цæуынц Евроцæдисы, ИНО-йы æмæ ЕÆÆО-ы æмсæрдариуæгæй æмæ Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Америкæйы Иугонд Штатты хайадисгæйæ. Кусæн къорды фембæлдты хайад афтæдæр исынц раздæры Хуссар Ирыстоны автономион бæстæйы рæстæгмæ администрацийы къухдариуæггæнæг æмæ Абхазы автономион республикæйы хицауады сæрдар, афтæ куыд Цхинвалы æмæ Сухумы оккупацион режимты минæвæрттæ