Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад - Мæтæйдзагæй кæсæм Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн радон фæкарзмæ, Гуырдзыстон цæттæ у баххуыс кæна деескалацийæн æмæ регионы сабырдзинад æрфидар кæнынæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн радонæ фсæддон фæкарзы кой кæны æмæ ныфс разæгъы цæмæй æхсты фæурæды фæдыл æрныхас кæнын бантысдзæн.
Афтæма, фидиуæны мидæг дзырдæуы, цæмæй Гуырдзыстон цæттæ у, цыфæнды формæйæ баххуыс кæна деескалацийæн æмæ регионы сабырдзинад æрфидар кæнынæн.
«Мæтæйдзагæй кæсæм Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн радон фæкарзмæ, кæцы ахæлиугонд информацийæ нырид расидтис амæттаг æмæ инфраструктурæйы зиан. Ныфс нæ ис, цæмæй бантысдзæн æхсты фæурæды фæдыл æрныхас кæнын, фарсыты бадзырдты режиммæ ахизын, æмæ хиаиуварс кæнын егъаумасштабон æфсæддон архæйдтæй, кæцы тызмæг негативонæй бандавдзæн æппæт регионы æдасдзинадмæ.
Гуырдзыстон сиды OSCE-ы Минскы къорды æмсæрдæрттæм, æхсæнадæмон актортæм, æнæхъæн тыхархайд аздахой эскалаци баурæдмæ æмæ конструктивон диалог сног кæнынæн. Нæхиæрдгæй та хъусын кæнæм, цæмæй Гуырдзыстон цæттæ у цыфæнды формæйæ баххуыс кæна деескалацийы хъуыддагæн æмæ регионы сабырдзинад æрфидар кæнынæн» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.