Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад хæлиу кæны фидиуæн Хъырымы анексийы æвдæм азы сæрмæ гæсгæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Хъырымы анексийы æвдæм азы сæрмæ гæсгæ фидиуæн аразы.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад фæстæмæ бæлвырд кæны Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых æнцой дарын йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
«Гуырзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад тызмæг фауы Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Хъырымы автономион Республикæйы æмæ горæт Севастополы оккупаци æмæ анекси, æмæ Украинайы æхсæнадæмонæй нымад арæнты тыхон методтæй фæивыны архайд, кæцый нæ бæстæ йæхæдæг дæр бавзæрста. Оккупацийы æмæ анексийы ацы практикæ, серьозон тас хæссы æхсæнадæмон æдасдзинадæн, сабырад æмæ стабилондзинадæн.
Фæнысангонды тыххæй, иттæг нысаниуæгджын у æхсæнадæмон дзыллæйы æнæфæцудгæ æмæ æмуд позици, цæмæй йæ ныхмæ слæууæм суверенон паддзахадты ныхмæ агрессийæн æмæ æхсæнадæмон механизмтæй эффективон пайда кæныны фæрцы, бахъом уæм сабырад æмæ æдасдзинад æрфидар кæнын бынатыл.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, бæлвырд кæны Украинайæн йæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых æнцой дарын, йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты фæлгæтты», – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.