Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты фæдыл фидиуæн ахæлиу кодта
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад, Гуырдзыстоны аккредитацигонд Евроцæдисы бæстæты минæварадтимæ координацигондæй, бынæттон æвзæрстыты фыццаг туры фæстæ аразы комментари.
«Æвзæрстытæ æмтгæй райсгæйæ дзæбæх администриргонд уыд – фæлæ карз поляризацийæ хицæн кодтой. Æвзарæнон субъекттæн уыд фадат æвзарæнон кампани сæрибарæй æмæ конкурентон уавæрты ауадзын æмæ æвзæрстыты бон цыдис æмтгæй райсгæйæ сабырæй æмæ æргомы. Афтæдæр ма, бахахх ис нысаниуæгджын хæлдтытæ, сæрмагондæй та тасы æфтауыны, æвзæрстгæнджыты балхæды æмæ кандидатты æмæ æвзæрстгæнджытæм хъомыс дарыны актты фæдыл уæрæх ахæлиугонд æмæ фæдфæдон куырдиæттæ æмæ æнæмбæрц уавæртæ.
Уымæй дарддæр ма, ресурсты æхсæн нысаниуæгджын дисбаланс, кампанийы финансдзинады æнæгъгъæд мониторинг æмæ хицауады уæвгæйæ æфтгæ уæлидзинад къухаразæг уыд хицаугæнæг партийæн. Æвзарæнон кампанийы сылгоймæгты æнæгъгъæд минæварадæй бæрæг у, цæмæй хъæуы фылдæр бæрн химæ райсын политикæйы адекватон минæварад сифтонг кæнынæн», – дзырдæуы фидиуæны.
Æвзæрстыты дыккаг туры фæдыл Евроцæдис сиды хицауадмæ æмæ алы политикон партимæ, цырд сыххæст кæнæт уæлæмхас тыхайрхайд рæстаг æвзарæнон процесс ситофнг кæнынæн.
«Уæлдæр банысангонд намысцух практикæ нормæйæ ма хъуамæ феста. Афтæма æнхъæлмæ кæсæм æууæнкаг æмæ цырд фæдагуырдмæ алы хъастыл, уый нымæцы журналистты тасы æфтауыны æмæ сæ ныхмæ тыхмидзинады факттыл. Евроцæдис фæдфæдонæй æххуыс кæндзæн Гуырдзыстоны демократи стынг кæныны тыхархайды. Нæ ахастытæ та фæстæмæ æнцой уыдзысты адæймаджы бартæн цыт кæныны принциптыл, законы сæйрагдзинады æмæ демократон стандарттыл, – аргъдзинæдты, кæцытæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады фæдыл бадзырды бындур у», – банысангонд у фидиуæны, кæцыйы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.