Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад  бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты фæдыл  фидиуæн  ахæлиу кодта
Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты фæдыл фидиуæн ахæлиу кодта

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварад,  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд   Евроцæдисы   бæстæты  минæварадтимæ  координацигондæй,  бынæттон  æвзæрстыты   фыццаг  туры  фæстæ  аразы  комментари.

«Æвзæрстытæ  æмтгæй  райсгæйæ  дзæбæх администриргонд уыд –  фæлæ   карз  поляризацийæ  хицæн кодтой. Æвзарæнон   субъекттæн  уыд фадат    æвзарæнон кампани  сæрибарæй  æмæ конкурентон уавæрты   ауадзын  æмæ æвзæрстыты  бон  цыдис  æмтгæй райсгæйæ  сабырæй  æмæ æргомы.  Афтæдæр  ма,  бахахх ис  нысаниуæгджын  хæлдтытæ, сæрмагондæй  та тасы æфтауыны,  æвзæрстгæнджыты  балхæды æмæ   кандидатты  æмæ  æвзæрстгæнджытæм хъомыс дарыны  актты  фæдыл  уæрæх ахæлиугонд æмæ  фæдфæдон  куырдиæттæ æмæ  æнæмбæрц  уавæртæ.

Уымæй   дарддæр ма,  ресурсты æхсæн нысаниуæгджын дисбаланс,  кампанийы финансдзинады æнæгъгъæд  мониторинг æмæ  хицауады уæвгæйæ  æфтгæ  уæлидзинад къухаразæг уыд  хицаугæнæг партийæн.  Æвзарæнон кампанийы  сылгоймæгты  æнæгъгъæд  минæварадæй  бæрæг у, цæмæй  хъæуы  фылдæр бæрн химæ райсын  политикæйы адекватон   минæварад сифтонг кæнынæн», – дзырдæуы   фидиуæны.

Æвзæрстыты дыккаг туры фæдыл  Евроцæдис сиды  хицауадмæ æмæ алы политикон  партимæ,  цырд сыххæст кæнæт  уæлæмхас тыхайрхайд  рæстаг æвзарæнон  процесс ситофнг кæнынæн.

«Уæлдæр банысангонд  намысцух  практикæ  нормæйæ  ма  хъуамæ  феста.  Афтæма  æнхъæлмæ кæсæм  æууæнкаг æмæ  цырд фæдагуырдмæ алы  хъастыл, уый нымæцы  журналистты  тасы æфтауыны  æмæ сæ  ныхмæ тыхмидзинады факттыл.   Евроцæдис  фæдфæдонæй  æххуыс кæндзæн Гуырдзыстоны  демократи   стынг кæныны тыхархайды.  Нæ  ахастытæ    та  фæстæмæ æнцой уыдзысты   адæймаджы бартæн цыт кæныны  принциптыл,  законы  сæйрагдзинады æмæ  демократон  стандарттыл, –  аргъдзинæдты, кæцытæ Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоциацидзинады  фæдыл   бадзырды  бындур у», –  банысангонд у  фидиуæны, кæцыйы  ахæлиу кодта Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварад.