Евроцæдисы минæварад – Реформæтæ, кæцытæ ассоциацидзинады бадзырдыл бындурæвæрд сты, нысаниуæгджын къахдзæф у Гуырдзыстонæн бауа европаг бинонты æххæстаргъджын уæнг

12:22, 27.06.2023

Реформæтæ, кæцытæ Евроцæдисы  æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ассоциацидзинады бадзырдыл æнцойæвæрд сты, нысаниуæгджын къахдзæф у  Гуырдзыстонæн,  суа  Европаг  бинонты æххæстаргъджын уæнг, – уый фæдыл   Гуырдзыстоны Евроцæдисы  минæварад «Фейсбукы» фарсыл фыссы.

Евроцæдисы  минæварады  ахæлиугонд  тексты куыд у банысангонд афтæмæй,  ассоциацидзинады  бадзырдæй фараст  азы рацыд  æмæ Гуырдзыстонæн ацы  боны фæдыл арфæ кæнынц.

«Абон евроцæдис æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн ассоциацидзинады  фæдыл  бадзырд бафыссынæй  фараст азы рацыд.  Ассоциацидзинады бадзырд  у этап, кæцы  тынг кæны   цæдис  партнерты æхсæн.  Реформæтæ, кæцытæ фæнысангонд   бадзырдыл бындурæвæрд сты, нысаниуæгджын къахдзæф у Гуырдзыстонæн, бауа   европаг бинонты æххæстаргъджын уæнг. Арфæ кæнæм Гуырдзыстонæн ацы сæрмагонд  боны фæдыл», –   фыссы Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварад.

Хуыздæр