Евроцæдисы минæварад публикаци кæны информаци æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  ног  фæткæвæрды фæдыл
Евроцæдисы минæварад публикаци кæны информаци æнæвизæ дыууæрдæм змæлды ног фæткæвæрды фæдыл

Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæварад Евроцæдисмæ  балц кæнын кæй фæнды  уыдоны хъусдардæн  информаци  публикаци кæны.

Информацийы куыд  у банысангонд афтæмæй,  2024 азæй  Европæмæ  æнæвизæ  змæлдæй пайдагæнæг  59 бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн,  æнæмæнгхъæугæ  суыдзæн    балцы рагафон  бæлвырдгæнæн  райсын, кæцы у Евроцæдисы ног æркуырд.

«Евроцæдисмæ  балц кæнын кæй фæнды, уыдоны хъусдардæн:  2024 азæй  Европæмæ æнæвизæ   дыууæрдæм змæлдæй пайдагæнæг  59 бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæмæнгхъæуæг суыдзæн  балцы  рагафон бæлвырдгæнæн (авторизаци)  райсын «информацийы æмæ авторизацийы системæйæ» (ETIAS). Балцы  бæлвырдгæнæн Евроцæдисы æрбайсгæ ног   æркуырд у   Шенгены 27 бæстæйы, Болгари, Румыни æмæ Кипрмæ бахизынæн.

Уæ зæрдыл дарут: ETIAS  нæу  визæ!  Æнæвизæ  дыууæрдæм змæлды режим йæ  тыхы  зайы Гуырдзыстоны  æмбæстæгты цыбырæмгъуыдон визиттæн, Евроцæдис/Шенгены  зонæйы бæстæтæм.

Уæхи бахизут фæлывдмигæнджытæй! ETIAS-ы иунæг  официалон веб-фарс  у :  www.europa.eu/etias .

ETIAS-ы системæ  нырма нæ кусы. Йæ скусын кæныны фæстæ  куырдиæтты  форма  рæувадат уыдзæн  официалон веб-фарсыл.

Деталон информаци  райсынæн  бахизут:  europa.eu/!FnfNwM», – банысангонд у  информацийы.