Евроцæдисы минæварад информаци парахат кæны æттаг хъуыдтæгты министрады фембæлды фæдыл – «Мах фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад ма фесафа уыцы историон фадат, кæцы нырма дæр ис»
Гуырдзыстоны Евроцæдисы делегаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвили æмæ Евроцæдисы минæвар, Павел Херчинскийы фембæлды фæдыл официалон информаци парахат кодта.
Евроцæдисы делегацийы информацийы куыд дзырдæуы афтæмæй, Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастыты фæдыл лæмбынæг дискусси сырæзт.
«Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар, Павел Херчинский хуынд æрцыд фембæлдмæ премьер-министры хæдивæг æмæ æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочъоришвилимæ. Уыдон уыд лæмбынæг дискусси Евроцæдис-Гуырдзыстоны ахастыты фæдыл. Хæдбардзинады фæстæ, Евроцæдис лæууыд Гуырдзыстоны фарсмæ æмæ йын баххуыс кодта демокративон æмæ æнтыстджын паддзахад саразынæн.
Евроцæдисы лидертæ æмхъæлæсæй рахастой уынаффæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттын. Куыд Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр хай афтæ дæр нымайæм, цæмæй Евроцæдисы уæнгдзинад бæстæйæн сабырад æмæ дидинæфтыды сеппæтæй хуыздæр гаранти у.
Евроцæдисы уæнгдзинадæн хъæуы реалон æнæзивæгдзинад æмæ æнкъарæн реформæтæ, цæмæй æххæстгонд æрцæуой Евроцæдисы аргъдзинæдтæ æмæ стандарттæ. Хъыгагæн, Гуырдзыстоны хицауады æвзæрст ныртæккæйы курс бæстæйы Евроцæдисы уæнгдзинады фæндагæй дард кæны. Æнæрлæугæ æмæ æнæфæцудгæ риторикæ Евроцæдисы ныхмæ, уый ноджы тынгдæр халы Гуырдзыстоны тырнындзинады нæфæсайгæдзинад Евроцæдисы æрдæм. Евроцæдис йæ бинонты уæнг суæвынмæ никæй тых кæны. Мах фæнды, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад ма бавгъау кæна уыцы историон фадат, кæцы нырма дæр ис», -ис фыст информацийы.
Информацийæн, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Херчинский Гуырдзыстоны премьер-министры хæдивæг æмæ æттаг хъуыдтæгты министр Мака Бочоришвилиимæ фембæлдмæ æрсидтысты. Фембæлды фæдыл информаци фæстæдæр æттаг хъуыдтæгты министрад рапарахат кодта. Уагдоны информацимæ гæсгæ, министр фембæлдыл бахахх кодта, цæмæй Брюселы Гуырдызстоны æрдæм ныртæккæйы политикæ, арæзт къахдзæфтæ æмæ арæзт расидæнтæ Гуырдзыстоны æрдæм хæлынц фарсыты æхсæн æууæнкдзинад æмæ зиан хæссынц Гуырдзыстон-Евроцæдисы партнердзинадæн.
Цалдæр гуырдзиаг медийы хъусын кæнынц Павел Херчинскийы расидæн, зæгъгæ, «Гуырдзыстон ис фæндаджы тигъыл, Гуырдзыстоны фидæн нырма фыст нæу, фæлæ цы æскъуыддзаг æрцæудзæн æввахс къуыритæ æмæ мæйты, уый сбæрæг кæндзæн, хауы æви нæ Гуырдзыстон Европæйы бæстæты бинонтæм, кæцытæ бындуриуæг кæнынц демократийыл, барады уæлдæрдзинадыл æмæ адæймаджы бартыл, хъыгагæн, кæд æмæ æрыздæхдзæн йæ ивгъуыд талынгмæ». Уымæй дарддæр ма, Герчинский банысан кодта: «Мах хъуамæ ма бауадзæм Гуырдзыстон æмæ диссаджы, хъарм, уазæгуарзон гуырдзиаг адæмæн тыхмийы, мидхæсты, мæгуырдзинады, зындзинады, коррупцийы талынг рæстæгмæ æрыздæхын».
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе 23-æм апрелы расидтис, цæмæй «Евроцæдисы минæвар гуырдзиаг адæмæн тæссаг у мидхæстæй, мæгуырдзинадæй æмæ уый у йæ комкоммæ тæссагдзинад. Уый тыххæй æмбæлон у æттаг хъуыдтæгты министрады минæвармæ æрсидт».
Уымæй дарддæр ма, фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочоришвили 24-æм апрелы банысан кодта: «Дипломативон службæйæн реагир кæныны мадзæлттæ ис æмæ уыдонæй мах спайда кæндзыстæм, фадат нын уыдзæн Павел Герчинскийы æттаг хъуыдтæгты министрады фенын».