Гуырдзыстоны Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийæн мандат æмгъуыд дыууæ азæй  адарддæр кодтой
Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийæн мандат æмгъуыд дыууæ азæй адарддæр кодтой

Гуырдзыстоны Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийæн мандат æмгъуыд дыууæ азæй  адарддæр кодтой.

Миссийы  официалон  венбфарсыл  публикацигонд фидиуæны банысангонд куыд у афтæмæй,   3  декабры, Евроцæдисы   совет рахаста уынаффæ, пролонгаци скæна  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  цæстдарæг миссийы мандат 20222 азы 14  декабрмæ.  Фæнысангонд периодмæ Евроцæдисы  бюджетæй  миссийæн рауæлдай уыдзæн  44,8 милуан евро.

Евроцæдисы цæстдарæг мисси Гуырдзыстоны (EUMM)  æмбæстагон мисси у æмæ  уый 2008 азы декабры Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн августы  хæсты фæстæ  Евроцæдисы  æхсæны бацыдæй   къухбафыст æхсæзпунктджын  бадзырды  фæстæ  æрлæууыд.  Йæ нысан у,   конфликты фарсыты  æхсæн  æмахаст  стабилизацийы, нормализацийы  æмæ  æууæнк фæфидар кæнын къухаразын.  2020 азы  марты  фæстæ  миссийæн  къухдариуæг кæны Марек Шчигел.