Гуырдзыстоны делегаци Женевæйы бадзырдты хайад райсынмæ абалц кодта
Женевæйы бадзырдты 43-æм раунд сом райдайдзæн. Гуырдызстоны делегаци Женевæмæ абон, боныцъæхыл араст ис.
Делегацийы къухдариуæг кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Давит Дондуа.
Дыууæбонон фембæлдтыл гуырдзиаг делегацийы æрдгæй иуæ-иу сæйраг фарст уыдзæн, оккупацигонд Цхинвалы Арчил Татунашвилийы гуырысхойаг уавæрты мæлæт.
Парламентон фылдæрты лидеры, Арчил Талакъвадзейы фидиуæнæй, Женевæйы формат у иуæй-иу сæйраг æхсæнадæмон инструмент, кæцыйæ гæнæн ис аскуыддзаг уа проблемæтæ, кæцы Гуырдзыстонæн ис Уæрæсейы Федерациимæ.
Талакъвадзейы ныхстæм гæсгæ, фембæлдыл гуырдзиаг фарс ноджы иу хатт бавдисдзæн фарст, цæмæй Уæрæсейы Федераци сæххæст кæна тыхæй æнæспайдайы фæдыл хæстæ, афтæдæр акæна йæ æфсад æмæ баурома аннекси.
Парламентон фылдæрты лидеры дзырдæй, мачи хъуамæ хъуыды кæна, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдæм фыдракæндтæ æмæ барты æфхæрды фактытæ, йын байтайдзæн.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдæм сæххæст фыдракæндты æмæ барты састы фактытыл сырæздзæн тызмæг æхсæнадæмон аргълæвæрдтæ, æмæ Гуырдзыстоны хицауад ацы æрдæм кусын адарддæр кæндзæн.