Гуырдзыстоны арæнмæ хæстæг, Азербайджаны территорийыл ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд
Гуырдзыстоны арæнмæ хæстæг, Азербайджаны территорийыл абон ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд.
Зæххыцъары бацахуыргæнæг зонæдты институты æмæ сейсмон мониторингы националон центры информацийæ, Тбилисы рæстæгæй 07:29 сахатыл Азербайджаны , Гуырдзыстоны паддзахадон арæнæй 24 километр дæрццæг, 4,4 магнитудæйы (ML) хъомысы зæххæнкъуыст æрцыд.
Гуырдзыстоны арæнæй 24 километры, Азербайджаны территорийыл зæххæнкъуыст рахатыдысты знон, 10 августы дæр. Зæххæнкъуысты тых, кæцы Тбилисы рæстæгæй 11:35 сахатыл сфиксир ис уыд, 5,2 магнитудæ.