Гуырдзыстоны алы æмбæстаг æнæмæнг-æфсæддон бегара æххæст кæндзæн хъахъхъæнынады уагдоны
Æнæмæнг æфсæддон бегарайы фарста ногæй æркастысты, уагъд уыдзæн реформæ æмæ алы гоймаг æнæмæнг-æфсæддон бегара арвитдзæн æрмæстдæр хъахъхъæнынады уагдоны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæрдары дзырдæй, ныры онг системæ куыд хъæуы уый йас эффективон нæ уыд.
«Уæдмæ системæ уыдис иппæрд æмæ эффективон нæ уыд, уый æргомæй хъуамæ зæгъæм. Алы анализмæ гæсгæйæ, ацы службæ нæ дæтта уыцы эффект, кæцыйы райсын нæ хъæуы. Уый тыххæй дæр æдасдзинады куыстмæ бацæуæг министрадтимæ нын уыд бадзырдтæ æмæ æрныхас кодтам, цæмæй æнæмæнг-æфсæддон бегара æххæстæй ахиздзæни хъахъхъæнынады министрады системæмæ. Арызт уыдзæн эффективон системæ, программæ уыдзæн æхсæз, аст æмæ 11 мæййон. Уый уыдзæн инстенсивон æфсæддон бацæттæ. Ацы программæйы фæуды фæстæ, гоймагæн нымадмæ ист уыдзæн æнæмæнг-æфсæддон бегара æмæ йæм лæвæрд уыдзæн рæнхъоны ном. Сæйраг нысан уыдзæн фидар резервы саразын» – райхъусын кодта премьер.
Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, проект 80 милуан ларий фылдæр сбаддзæн.
«Асидты, регионалон министрады бæсты æххæст кæндзæн хъахъхъæнынады уагдон. Ацы процесс райдайдзæн январæй, фæлæ программæ скусдзæн 2025 азы фыццаг январæй. Уæдмæ системæ бацæттæ уызæн. Фæнды нæ, регионты саразæм хъахъхъæнынады центртæ, цæмæй бынатыл фенцондæр уа фæсивæдмæ информацийы лæвæрд Ацы проект сбаддзæн 80 милуан ларийæ фылдæр», – райхъусын кодта Гъарибашвили.