Гуырдзыстоны алы æмбæстаг æнæмæнг-æфсæддон бегара æххæст кæндзæн хъахъхъæнынады уагдоны
Гуырдзыстоны алы æмбæстаг æнæмæнг-æфсæддон бегара æххæст кæндзæн хъахъхъæнынады уагдоны

Æнæмæнг æфсæддон бегарайы фарста ногæй æркастысты, уагъд уыдзæн реформæ æмæ  алы  гоймаг æнæмæнг-æфсæддон бегара арвитдзæн   æрмæстдæр хъахъхъæнынады  уагдоны, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл   райхъусын кодта.

Хицауады сæрдары дзырдæй, ныры онг системæ  куыд хъæуы  уый йас эффективон нæ уыд.

«Уæдмæ системæ  уыдис иппæрд æмæ  эффективон нæ уыд, уый  æргомæй хъуамæ зæгъæм.  Алы анализмæ гæсгæйæ,  ацы службæ нæ дæтта  уыцы эффект, кæцыйы райсын нæ  хъæуы.  Уый тыххæй  дæр  æдасдзинады  куыстмæ бацæуæг  министрадтимæ нын уыд   бадзырдтæ æмæ æрныхас кодтам, цæмæй  æнæмæнг-æфсæддон бегара æххæстæй ахиздзæни  хъахъхъæнынады министрады системæмæ.  Арызт уыдзæн  эффективон  системæ, программæ уыдзæн æхсæз,  аст æмæ 11 мæййон.  Уый уыдзæн инстенсивон  æфсæддон бацæттæ.   Ацы программæйы  фæуды фæстæ, гоймагæн нымадмæ   ист  уыдзæн  æнæмæнг-æфсæддон бегара  æмæ  йæм лæвæрд уыдзæн рæнхъоны ном.  Сæйраг нысан  уыдзæн фидар  резервы саразын» – райхъусын кодта премьер.

Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, проект  80 милуан  ларий фылдæр сбаддзæн.

«Асидты, регионалон министрады бæсты æххæст кæндзæн  хъахъхъæнынады уагдон. Ацы процесс райдайдзæн январæй, фæлæ  программæ скусдзæн  2025 азы фыццаг  январæй.  Уæдмæ системæ  бацæттæ уызæн. Фæнды нæ,  регионты  саразæм  хъахъхъæнынады центртæ, цæмæй  бынатыл фенцондæр уа  фæсивæдмæ информацийы  лæвæрд  Ацы проект  сбаддзæн 80  милуан ларийæ фылдæр», – райхъусын кодта Гъарибашвили.