Гуырдзыстоны æмбырдгонд Дунейы Чемпионатыл Австралиимæ ахъаздзæн -  Комкоммæ репортаж  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл#1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Дунейы Чемпионатыл Австралиимæ ахъаздзæн - Комкоммæ репортаж Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл#1TVSPORT

Гуырдзыстоны  æмбыргонд абон Японийы, «Окинава Аренайыл»  Тбилисы рæстæгæй 11:30 минутыл Австралийы æмбырдгондимæ ахъаздзæн.  Ацы  матчы фæстиуæг  аскуыддзаг кæндзæн, кæцы бал бацахсдзæн къорды æртыккаг бынат.  Фембæлды комкоммæ репортажы  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  æмæ Гуырдзыстоны  Радио  радæтдзысты.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Илиас Зуросы  фæлтæрд бал  фыццаг  къордон  этапыл  æртæ матчæй  дыууæ  фæуæлахиз ис, Словенийы  фæстæ дыккаг бынат бацахста  æмæ къордæй  иннæ  этапмæ ахызтис.  Дыккаг этапыл  Гуырдзыстоны националон балыл сæмбæлдысты  турниры фаворит Германи æмæ æнæкъаддæр тыхджын  Автсралийы  æмбырдгæндтæ. Къорды фыццаг   туры  фæбæрæг ис  цыппырæмфиналмæ ахизджытæ:  Германи Гуырдзыстонæн рамбылдта, Словени та – Автсралийæн æмæ  плейоффы  хъазыны бар  рагафон  ссардтой.