Гуырдзыстоны æмбырдгонд Дунейы Чемпион  Испанийы ныхмæ -  комкоммæ  репортаж  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд Дунейы Чемпион Испанийы ныхмæ - комкоммæ репортаж Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл #1TVSPORT

Абон 19:00 сахатыл Гуырдзыстоны  баскетболы æмбырдгонд Дунейы Чемпионаты равзарæн матчы Испанийæн сфысым кæндзæн.  Фембæлд  ног   залы, «Тбилиси Аренæйыл» ацæудзæн æмæ комоммæ трансляци рæвдисдзæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.

1 июлы Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  днейы чемпионаты равзарæн  турниры  фембæлд  ауагъдта Украинайы  æмбырдгонды  ныхмæ (66:79). Ацы фембæлды размæ,  травмæ райста   Гога Битадзе  æмæ  матчы хайад нæ райста.

Битадзе нæдæр абон  ахъаздзæн. Гогайæн  йæ уæраг  басгæрстой,  æцæг у  травмæ серьозон нæу, фæлæ  тренертæ  рискмæ нæ  ацæудзысты  æмæ Битадзейæн  улæфты фадат ратдзысты,  цæмæй   баскетболист  сентябры  Евробаскетмæ æххæстæй  цæттæйæ уыдзæн.