Грекаг-ромаг стъилæй хъæбысæйхæст  |  Лери Абуладзе Дунейы чемпион у #1TVSPORT
Грекаг-ромаг стъилæй хъæбысæйхæст | Лери Абуладзе Дунейы чемпион у #1TVSPORT

Сербийы сæйраг горæт  Белграды цæугæ  Дунейы  чемпионатыл  грекаг-ромаг  стилæй  хъæбысæйхæсты   лери Абуладзе (63 кг)  сыгъзæрин майдан  рамбылдта.  Европæйы  архайæг чемпин  гуырдзиаг богал   финалы   азербайджайнаг  Мурад  Мамадовы абырста.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд  турниры   дыууæ майданимæ фæцис, дыууæ боны размæ   Нугзар Цъурцъумиа  (55 кг) æвзист майдан рамбылдта.

Белграды цалдæр боны размæ фæугæ  уæгъдибар стилæй  хъæбысæйхæцджыты  Дунейы  Чемпионатыл, Гуырдзыстоны æмбырдгонды  хыгъдыл   цыппар   майдан ис. Гиви Мачъарашвили  (97кг) æмæ Шота Партъенадзе (61 кг)  бронзæ  майдантæ рамбылдтой, Владимер Гамхърелидзе (79кг)  æмæ гено петриашвили  (125 кг)  æвзист майдантæ рамбылдтой.

Петриашвили æмæ Мачъарашвили  майдантимæ иумæ,  Паризы  Олимпиадæйы  балцæгтæ дæр рамбылдтой.   Гуырдзыстоны æмбырдгонд  иумæйаг къордон   дисциплинæйы  æртыккаг бынат бацахста. Фыцаг  дыууæ бынаты   бацахстой  , нæ бал АИШ-ы æмæ Ираны æмбырдгæндтæ.