Гудаур сноуборды  фæсивæдон  Дунейы Чемпионатæн сфысым кæндзæн
Гудаур сноуборды фæсивæдон Дунейы Чемпионатæн сфысым кæндзæн

Фыццаг хатт Гуырдзыстоны историйы 6-7 апрелы  Гудауры   фæсивæдон  дунейы чемпионат  ацæудзæн сноуборды. Мадзал  æхсæнадæмон  къахдзоныгъон федерацийы  эгидæйæ(FIS) ацæудзæн, кæцыйы  дунейы  акæнæг 18 бæстæйы ( Швейцари, Австрали, Канадæ, Болгари, Чехи, Эстони, Франц, Германи, Венгри, Италиа, Япони, Нидерландтæ, Норвеги, Румыни, Словаки, Украина, АИШ æмæ Гуырдзыстон) 21 азы онг кары   80  спортсмен рацæудзæн ерысмæ.

Фæсивæдон дунейы чемпионат Гуырдзыстоны фыццаг хатт цауы  уагъд. Цæугæ азы 3-4 февралы,  Гудаур, Дунейы  Кубокы  этапæн сноуборд-кроссы  дисциплинæйы   æнтыстджынæй сфысым кодта.  Гуырдзыстоны Дунейы хъусдарды центры ноджы иу хатт фæцис  æмæ Дунейы спортивон картæйыл  ноджыдæр  цытджын бынат бацахста. Сноуборд  кроссы дисциплинæйы æнтыстджынæй уагъд дунейы кубок æхсæнадæмон   къахдзонгъыон  федерацийы  цъусдард нæ бæстæмæ рæрбаласта.  Растдæр уый тыххæй Гудауры æхсæнадæмон æмвæзад   ерыстæ  ауадзынæн ноджы иу хатт сывзæрстой, кæцы æххæстæй  æмбæлон у алы  стандартмæ, куыд  инфраструктурон, афтæ организацион цæстæнгасæй.

Мадзал фыццаг хатт 1997 азы Италиайы ацыд. Стæй та фысымтæ  уыдысты ахæм бæстæтæ, цахæмдæр сты: Испани, Франц, Германи, Австри, Швейцари, Швеци æмæ æнд. 2024 азы  та Гуырдзыстон самал кодта  фæсивæдон  дунейы чемпионатæн фысым кæныны бар.