Гуырдзыстоны æмбырдгонд басаста Гибралтары æмæ  ног рекорд сæвæрдта – фæдфæдыл  иуæндæсæм матч  æнæсастæй  [видео] #1TVSPORT
Гуырдзыстоны æмбырдгонд басаста Гибралтары æмæ ног рекорд сæвæрдта – фæдфæдыл иуæндæсæм матч æнæсастæй [видео] #1TVSPORT

Гуырдзыстоны  æмбырдгонд  футболы, Нациты Лигæйы  фæлгæтты, къордон этапыл  фæстаг, æхсæзæм матч  ахъазыд. Вилли Саньолы  фæлтæрд бал  Гибралтармæ фæуазæг ис æмæ   йæ  хыгъдæй  2:1.   Абырста.  Ацы уæлахиздзинадæй   Гуырдзыстоны  Нациты Лигæйы «С» дивизионы  16  баы æхсæн   хуыздæр  фæстиуæг    равдыста,   кæцы  уый нысан кæны, цæмæй  Лигæйы   æрдæгфиналон   фембæлд  Тбилисы ацæудзæн.

Чи фембæлдзæн   Гуырдзыстонимæ  27  сентябры, Уæгат Ирланди æмæ  Грецийы æмбырдгæндты  матч   фæуды фæстæ суыдзæн бæрæг.

Æнхъæлмæксинаг куыд уыдис афтæмæй,   Гибралтар æххæст балæй  сæхи  хъахъъхæдтой  æмæ фылдæр  архайдтой  гол ма  ауагъдтаиккой. Фыццаг таймы  сын бантыстаид, зæгъгæ  Хвича Кварацхелиа   индивидуалон  дæснайад  куы  нæ уыдаит:  неаполаг  стъалы,  самал кодта  11 метрон иварон цæф  æмæ йæ  йæхæдæг   фестын кодта  голæй.

Дыккаг тайм райдыдта  Гуырдзыстоны  карз бырстытæй æмæ дыккаг гол дæр тагъд  сæвзæрдис.  Ацы хатт  Гиорги Цъитаишвили эффективон бафсæрст иварон фæзыгмæ  æмæ   хыгъд   ссис 2:0.

 

Цымидисон у,ц æмæй  уый Гуырдзыстоны  æмбырдгонды  фæдфæдыл  11-æм æнæсаст матч.   Нырыонг рекорд  уыд  Темур Кецбаиайы  рæстæгон æмбырдгондæн, кæцыйæн уыд 10 мат фæдфæдыл æнæсастæй.