Гуырдзыстоны æмбæстагад  райстимæ баст  ивддзинæдтæ парламент уалдзæгон сессийы  фæлгæтты   æркæсдзæн
Гуырдзыстоны æмбæстагад райстимæ баст ивддзинæдтæ парламент уалдзæгон сессийы фæлгæтты æркæсдзæн

Парламент, Гуырдзыстоны æмбæстагады фæдыл  ног  закъондæттæн   ивддзинæдтæ уалдзæгон сессийы  фæлгæтты  æркæсдзæн.  Юстицийы  министрады  бацæттæгонд  ивддзинæдты  инициирдзинад  ивгъуыд къуырийы  скодтой.

Закъонопроектмæ гæсгæйæ,   æмбæстагад кæмæ нæй  уыцы  гоймаг, æндæр   фæсарæйнæгтау, Гуырдзыстоны æмбæстагад  хуымæтæг  уапгæй  райсдзæн  Гуырдзыстоны   фондз азы дæргъы  закъононæй  цæрыны фæстæ. Проектмæ гæсгæйæ,  æмбæстагады  хуымæтæг  уагæй   райсынæн, уый хъуамæ  сыххæст  кна  органон закъонæй  бæрæг  æндæр  æркуырдтæ   бæрæг фæлгæтты  Гуырдзыстоны  паддзахадон æвзаджы,  историйы æмæ  барады  сæйраг   бындурты  зонын  фæдыл, афтæма  Гуырдзыстоны  кусыны, кæнæ  Гуырдзыстоны æнæзмæлгæ  мулкы, кæнæ  кондады  хайы, кæнæ  акциты  хицаудзинады, кæнæ Гуырдзыстоны  территорийыл амалиуæгон  куысты  сыххæсты  фæдыл.

Уæлдæрбанысангондæй  дарддæр  ма, закъонопроектмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон æмбæстагад натурализацийы фæндагæй райсты  фæдыл  куырдиатыл æппæрццаг дзуаппы  цауы,  æмбæлгæ  оргæнтæм   фæлхатгæ  куырдиаты бавдисыны  æмгъуыд, иу афæдзæй  æхсæз мæйы  онг фæкаддæр уыдзæн.