Парламент ацы къуыри дыууæ пленарон рабадт ауадздзæн æмæ бынæттон æвзæрстыты фæстæ рабадты форматы куыст сног кæндзæн
Парламент ацы къуыри дыууæ пленарон рабадт ауадздзæн æмæ бынæттон æвзæрстыты фæстæ рабадты форматы куыст сног кæндзæн

Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва бюройы абоны рабадтыл парламентон куысты графикы фæдыл фæныхас кодта.

Папуашвили куыд бамбарын кодта афтæмæй, парламенты уагæвæрдмæ гæсгæ, ацы къуыри дыууæ пленарон рабадт сырæздзæн æмæ рабадты форматы куыст сног уыдзæн бынæттон æвзæрстыты фæстæ.

“Ацы сессион къуырийы мах бахъæудзæн æруынаффæ кæнын рæстæгмæ фæдагурæн къамисы хатдзæгыл. Хъуамæ равзарæм Паддзахадон æдасдзинады службæйы сæргълæууæджы. Афтæ дæр хъуамæ банымайæм парти “Гуырдзыстоны сæраппонд”-ы 12 уæнгæн, кæцытæ суыдзысты парламенты уæнгтæ уыцы уæнгты бæсты, кæцыты бартæ фæурæдтой. Сымах зонут, цæмæй парти “Гуырдзыстоны сæраппонд” Централон Къамисмæ дæр бахатыд курдиат, уыдон сарæзтой бæрæг бартæ корректировкæтæ æвзарæнон номхыгъдмæ æмæ снысан кодта уыцы 12 адæймаг, кæцытæ суыдзысты парламенты уæнгтæ Уымæ гæсгæ, комитет уый дæр æруынаффæ кодта æмæ райсом махæн уыдзæн хъæлæсæппæрст сæ авторитет банымайыны фæдыл», -расидтис Шалва Папуашвили бюройы рабадтыл.