Гуырдзыстоны  æмæ Италиайы  хъахъхъæнынады министрадты æхсæн  2024 азы  дыууæфарсон  æмгуыстады  план бафыстæуыд
Гуырдзыстоны æмæ Италиайы хъахъхъæнынады министрадты æхсæн 2024 азы дыууæфарсон æмгуыстады план бафыстæуыд

Гуырдзыстоны визитæй  уæвы Италиайы  гарзджын тыхты   генералон штабы  делегаци.  Визиты нысан у  уагдæтты æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы  дыууæфарсон  консултациты ауазын. Информаци уый фæдыл хъусын кæны   хъахъхъæнынады министрад.

Уагдоны информацийæ хъахъхъæнынады министрады  уагъд  фембæлдыл  фарсытæ  æмгуыстады  цæугæ  фарстатæ  æркастысты  æмæ   фидæнон   æмгуыстады перспективæтыл фæуынаффæ кодтой.  Гуырдзиаг фарс  италиайаг  уазджытæн  хъахъхъæннады  министрады цæугæ  реформæтыл  фæдыл   презентаци сарызта.

Фембæлды фæуды фæстæ  Гуырдзыстоны æмæ Италиайы  хъахъхъæнынады уагдоны  2024 азы дыууæфрарсон  æмгуыстады  план бафыстæуыд. Италиайы æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрадтæ активон  æмкуыст кæнынц НАТО-Гуырдзыстоны  архайадони пакеты (SNGP) фæлгæтты  æхсæнадæмон æфсæддон ахуырты  æрдгæй.  Афтæма  æфсæддон-æмбæстагон  æмгуыстады æфсæддон ахуыры  æмæ авиацийы фарстатыл.

Консультациты  фæлгæтты  дзырд уыдис бæрзонд æмвæзады  визитты организацион фарстатыл  дæр.