Politico – Кæд Гуырдзыстон демократийы сфидары хъæддых прогресс равдисдзæн, уæд АИШ Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын æфсæддон, базарадон пакеты алæвæрды æмæ визн режимы либерализацийы æркæсдзæн
Кæд Гуырдзыстоны хицауад антидемократон курс фæивдзæн, уæд АИШ Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын æфсæддон, базарадон пакеты алæвæрды æмæ визон режимы либерализаци æркæсдзæн. Рауагъдад «Politico»-ы хъусинагæй, уый фæдыл дзырдæуы америкаг конгрессмены Джо Уилсоны бакуыст закъонопроекты, кæцыйы самал кодта Politico.
Сæрмагондæй та, закъонопроектмæ гæсгæйæ, кæд Гуырдзыстоны хицауад нæй зæгъдзæн антиныгуылæйнаг риторикæйыл æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды æрдгæй фæстæмæ цыд бауромдзæн, уæд АИШ райдайдзæн бадзырдтæ Гуырдзыстонæн преференцион баразарадон режимы сфидар кæнын æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн визон режимы либерализацийы фарста æркæсдзæн.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, Конгресс афтæдæр бахæс кæндзæн официалон уæнгтæн, бакусой Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуысы пакет, кæцы рагъыгъд кæндзæн Гуырдзыстонæн иргъæфы ифтонггæрзты алæвæрд, кæцы Уæрæсейы Агрессийæ территорийы бахъахъхъæнын уыдзæн.
«Politico»-мæ гæсгæйæ, ацы программæ, æрмæст уыцы цауы сæххæст уыдзæн, кæд АИШ-ы сæ бауырныдзæнис, цæмæй Гуырдзыстон æвдисы нысаниуæгджын æмæ æнæцудгæ прогресс демократийы сфидар кæныны, кæцыйы бæлвырдæнæн, иууыл цъус хъуамæ уа рæстаг, сæрибар æвзæрстытæ æмæ балансгонд разæвзарæнон æрдз.