Оккупацийы 14-æм азы сæрыл, Уæрæсе не ххæст кæны Евроцæдисы æхсæны бацыдæй йæхимæ цы хæстæ систа 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй æмæ уæрæхдæр кæны сæрмагонд контроль оккупацигонд регионты, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады, ахæлиугонд фидиуæны у банысангонд.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы регионы адæймаджы фундаментон барты гуырымыхъхъ халын, этникон дискриминаци æмæ сæдæгай мин тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздахыны бары саст, фæстæмæ у Уæрæсейы æнæзаконон оккупацийы уæззау уаргъæй.
«Абон 2022 азы 7 августы, 14 азы æххæст кæны Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй Гуырдзыст оны ныхмæ 2008 азы сæххæст гом æфсæддон интервенцийæ, кæцыйы фæстæ, Уæрæсе, Гуырдзыстоны æнæраскуынгæ регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны æнæзаконон оккупаци скодта æмæ сæ а.х. хæдбар паддзахадтыл банымадта. Оккупацийы 14-æм азы сæрыл, Уæрæсе не ххæст кæны Евроцæдисы æххуысæй бафыст 2008 азы 12-æм августы æхст фæурæды фæдыл бадзырд æмæ уæрæхдæр кæны сæрмагонд æнæзаконон контрол оккупацигонд регионты. Оккупацион хаххыл телтæй æмбондты æмæ æндæр барьертæ аразынæй, æнæзаконон ахстытæ æмæ скъæфтытæй, адæймаджы барты гуырымыхъхъ халынæй, гуырдзиæгты этникон дискриминацийæ агайы, бынатыл уæвæг æдасдзинады, адæймаджы барты æмæ гуманитарон уавæр, цæмæй дæр, æндæр нысæнттимæ иумæ архайы, оккупацигонд территоритыл цæрæг адæймæгты изоляцийы скæнын иннæ Гуырдзыстонæй æмæ æхсæнадæмон дзыллæйæ.
Абхаз æмæ Цхинвалы регионы адæймаджы фундаментон барты гуырымыхъхъ саст, этникон дискриминаци æмæ сæдæгай мин тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхыны бары саст, Гуырдзыстонæн фæстæмæ у Уæрæсейы æнæзаконон оккупацийы уæззау уаргъ. Давит башарули, Гига Отхозориа, Арчил Татунашвилийы марындзинады хъуыддæгтыл æнæбафхæрды стимуляци та рæзын кæны этникон бындурыл тыхмидзинады тас. Ацы фоныл ноджы критикон дæр кæны бынатмæ адæймаджы барты хъахъхъæды организациты рæувадат бацыд æмæ æдасдзинады æхсæнадæмон механизмты слæууын кæнын, афтæма Евроцæдисы цæстдарæг миссийы бацыд Абхаз æмæ Цхинвалы регионтæм, миссийы мандатмæ нæкæсгæ, кæцыйы, хъыгагæн, къуылымпы кæны оккупацион тых.
Ацы уæззау фоныл, скуыддзаггæнæг рол уыдис 2021 азы 21 январы Европæйы Адæймаджы Барты Тæрхондоны уынаффæйæн 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæдыл, кæцыйы барадонæй сбæлвырд ис Уæрæсейы Федераци, Гуырдзыстоны регионты – Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны оккупаци кæй с кодта æмæ сфидар кодта эффективон контрол æмæ растдæр Уæрæсейыл сæвæрдта бæрн, бынатыл адæймаджы барты æмæ бындурон сæрибардзинæдты гуырымыхъхъ састы факттыл. Фæнысангонд уынаффæ, кæцы 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фыццаг барадон аргълæвæрд у, бæлвырд æвдисы, цæмæй дзæгъæлы у Уæрæсейы бирæазон архайд, йæхи аиуварс кæна барадон бæрнæй æнæзакъонон оккупацийы æмæ йæ фæстиуджытыл. Гуырдзыстон æнæфæзилгæйæ дарддæр кæны Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты сабырадонæй аскуыддзагы политикæ æххæст кæнын æмæ удцырын у, цæмæй дипломатон æмæ барадон инструментты фæрцы, æхсæнадæмон партнертимæ æнгом æмкуыстгæнгæйæ, гæнæн скæнæ бæстæ баиу кæнын æмæ сабырадон райрæзын кæнын, оккупацион хаххæй дих дзыллæты æхсæн æууæнк сæндидзын кæнын æмæ иумæйаг европаг фидæн аразын.
Гуырдзыстон зæрдæрухс у бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æхсæнадæмон æмгарады æнæцудгæ фарсхæцынæй æмæ бæрзонд аргъ кæны æхсæнадæмон партнерты хайбавæрдæн Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты сабырадонæй алыг кæныны процессы. Фæнысангонд фарсхæцын сæрмагондæй нысаниуæгджын у абон, Уæрæсе Украинайы ныхмæ æфсæддон агрессийæ, куыд дарддæр кæны гуырымыхъхъ халын æхсæнадæмон барады принциптæ æмæ йæ бын къахы Еропæйы æдасдзинадæн. Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Уæрæсейы Федерацимæ, ныууадзæт æнæзаконон æмæ провокацион архæйдтытæ Гуырдзыстоны ныхмæ, цыт кæнæт Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн, сыххæст кæнæт Евроцæдисæй 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста, акæна йæ æфсад Гуырдзыстоны территорийæ æмæ фæива оккупацигонд территориты а.х. хæдбарад банымады фæдыл æнæзаконон уынаффæ.
Фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, консолидацигонд тыхархайд кæнæт Гуырдзыстоны территориты деоккупацийы æмæ тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздахынмæ æмæ архайадон къахдзæтæ саразæт Гуырдзыстоны æмæ æнæхъæнæй регионы сабырады æмæ æдасдзинад сфидар кæнынæн. Фæсарæн хъуыддæгты министрад пайда кæны лæвæрд фадатæй, æмæ мæсæллæй дзуры 2008 азы хæты, фæмардуæвæг хæцджыты æмæ сабыр цæрджыты бинонтæн æмæ хæстæджытæн», – дзырдæуы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.