Шалва Папуашвили – ма нæ хъуамæ ферох уа сабырады тæссонддзинад æмæ бæрн, кæцы ис политикон къухдариуæгадыл цæмæй бæстæйы ма æруадза хæст
Абон мах мысæм августы хæсты фæмардуæвæг æфсæддæтты æмæ æмбæстагон уæнгты, мысæм 16 азы размæ, августы уыцы уæззау бонтæ, кæцытæ алчи иумæ бавзæрстам – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Мухатгвердийы æфсымæрон уæлмæрдыл райхъусын кодта .
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ никуы нæ ъ\уъамæ ферох уа, куыд тссонд у арæн хæст мæ сабырады æхсæн.
«Не хсарджын æфсæддæттæ, кæцытæ æхсты раззаг хаххыл уыдысты, æмбæстагон уæнгтæ, кæцытæ хæсты эпицентры фесты æмæ æнæхъæн Гуырдзыстон, кæцы сæрмагондæй уæззау бавзæрста цыцы агресси, кæцы Гуырдзыстоны ныхмæ цыдис. Хъуыды кæнæм 2008 азы августы бонтæ, адæм, куыд уаг улæфынмæ цæттæ кæнынц сæхи, фæлæ куыд виппайды баталынг ис æмæ амондджын бонтæ, трагикон бонтæй фестадысты. Ма нæ хъуамæ ферох уа, сабырады тæссонддзинад æмæ фыццаджы дæр, бæрн, кæцы политикон къухадриуæгадыл ис, цæмæй бæстæйы ма æруадза хæст. Уый у «Картули Оцнеба» цы аразы фæстаг 12 азы дæргъы» – банысан кодта Шалва Папуашвили.