Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Румынийы парламент сфидар кодта резолюци Молдовæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн Балканты европаг перспективæйы фæдыл
Абон Румынийы парламент депутатты палатæйы æмæ сенаты иугонд рабадтыл сфидар кодта «Резолюци Молдовæйы Республикæйы, Украинайы, Гуырдзыстоны æмæ Ныгуылæн Балкканты Европаг перспективæйы фæдыл». Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, резолюцийы хаххгонд у, цæмæй Румыни куыд Гуырдызстоны стратегион партнер бæлвырд кæны Гуырдзыстоны хæдбарады, суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых фарсдарын, йæ зæрдыл дары 2022 азы бафыст стратегион партнерады декларацийы принциптæ æмæ нысæнтты нысануæг дыууæдæр бæстæйæн.
Афтæма документы банысангонд у Сау Денджызы стабилондзинады, æдасдзинады æмæ фарны консолидацийæн иукæнынады роль, афтæма, йæ нысаниуæг европаг тыгъдады интеграцийы тыххæй. Евроцæдисы ауæрæхы политикæ нымадмæ ист у, куыд сегасдр æнтыстджын инструмент демократон трансформацийы стимулиркæнынæн хурыскæсæн сыхы æмæ Ныгуылæн Балканты.
Уыимæ, резолюцийы хаххгондæй банысангонд у цæмæй ауæрæх бындурæвæрд уыдзæн кандидатты индивидуалон тыхархайдыл æмæ се сгуыхтдзинадыл сыххæст кæной сæхимæ цы хæс райстой уыдон, европаг аргъдзинæдтæм æмбæлгæйæ.