Гуырдзыстонмæ сом НАТО-йы парламентон ассамблейы президент æрцæудзæн
12-13 сентябры Тбилисмæ æрцæудзæн НАТО-ы парламентон ассамблейы президент Медлин Мун НАТО-йы парламентон делегациимæ иумæ.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ, визиты фæлгæтты Медлин Мун фембæлдтæ сараздзæн Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ æмæ хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвилиимæ.
Палнгонд у фембæлд хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдаримæ, НАТО-ы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны парламенты иугæндзонархайæг делегацийы къухдариуæггæнæгимæ, Ираклий Сесиашвилиимæ æмæ парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Сопио Кацараваимæ.
Гуырдзыстоны парламенты фембæлдтæ ацæудзæн Гуырдзыстон-НАТО-йы æхсæнпарламентон советы уæнгтимæ, парламентон фракциты æмæ парламентон фылдæрты минæвæрттимæ.
Медлин Мун НАТО-йы æмцæдисонон офисы æмæ æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ фембæлдзæн.
Программæйы фæлгæтты плангонд у НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центры фенын.
НАТО-йы парламентон ассамблейы президент афтæдæр абæрæг кæндзæн администрацион арæйнон хахх, хъæу Диди Хурвалетийы.