Гуырдзыстонмæ гæнæн ис æрласой дыууæ вакцинæ – «Астразенекайы» æмæ иннæ иуæй-иу китайаг компанийы конд вакцинæ
Инфекцион патологийы æмæ АИДы центры генералон директор Тенгиз Церцвадзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны ныхас цæуы дыууæ вакцинæ балхæдыл, сæ нымæцы иу у китайаг вакцина.
Церцвадзе «формулайæн» куыд загъта афтæмæ, дунейы зæгъгæ китайаг вакцинæйæн тынг бæрзонд рейтинг ис.
«Дзырдæуы дыууæ вакцинæ æрбаласыныл – «Астразенекайы» æмæ иннæ та китайаг вакцинæ у. Китайæн ис фондз вакцинæ æмæ уыдонæй сæ иуы тыххæй цæуы уынаффæ. Фæнды зæгъын уын, цæмæй дунйеы китайаг вакцинæйы рейтинг бæрзонд у. Æууæнк йыл ис. Æндæр куы ницы, уæд ацы инфекци уым фæзындис æмæ уыдон æй зонынц сегасдæр хуыздæр ацы вирусы структурæ æмæ йæ миниуджытæ.
Æппын æмæ дис нæ кæсдзæн китайаг вакцинæ æппæтæй хуыздæр куы уа уый. Бирæ рæстæг сын уыдис уый саразынæн. Уый дæр фæзæгъынц, ома дам рагафон зыдтой ацы вирусы тыххæй æмæ рагæй кусынц вакцинæйыл. Афтæмæй, ктайаг вакцинæ æвзæр нæ уыдзæн» – хъусын кæны Тенгиз Церцвадзе.