Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты НАТО-йы æфсæддон комитет æмæ йæ сæрдар, авиацийы сæйраг маршал сэр Стюарт Питч
27-28 марты Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты НАТО-йы æфсæддон комитет йæ сæрдаримæ, авиацийы маршал сэр Стюарт Пич.
Гуырдзыстоны кууыд цæгат-атландикон альянсы рагон партнерæн æнцойад равдисыны нысанæй, НАТО-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынады форматы, НАТО-ы æфсæддон комитет абон рабадт сараздзæн. Сессийæн разамынд кæндзысты, авиацийы сæйраг маршал сэр Стюарт Пич æмæ Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Леван Изориа. НАТО-æфсæддон комитеты ахуыртæ, регионы уæвæг æдасдзинады уавæримæ æрзонгæ уыдзысты æмæ Сау Денджызы регионы уæвæг уавæры фæдыл фæуынаффæ кæндзысты.
НАТО-йы æфсæддон минæвæрттæн плангонд сты презентацитæ НАТО-Гуырдызстоны архайадон пакеты (SNGP) сæххæсты, хæдиргъæфы тыхты мидæг цæугæ реформæтæ, афтæдæр НАТО-йы операциты æмæ ахуырты хайады фæдыл.
28 марты НАТО-йы æфсæддон комитет фæуазæг уыдзæн Вазианы æфсæддон базæмæ æмæ хæцынмæ бацæттæй центр (СТС) абæрæг кæндзæн, афтæдæр æрзонгæ уыдзæн Гуырдзыстоны хæдиргъæфы цæттæдзинады программæ (GDRP)-имæ, кæцыАИШ-ы æххусæй цæуы æххæст æмæ йæ нысан у Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты хæцынмæ цæттæдзинад сбæрзонддæр кæнын æмæ хæдиргъæфæн хъæугæ амæлттæ фæтнгдæр кæнын. Ацы бон НАТО-йы æфсæддон минæвæрттæ ахуырты æмæ аргълæвæрды иумæйаг центрмæ (JTEC) дæр бацæудзысты æмæ «НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыр 2019»-мæ бадардзысты цæст. Бирæнцаион, бригадæйы æмвæзады штабон ахуырæн йæ нысан у, НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты кæрæдзиимæ æмбæлондзинад сбæрзондлдæр кæнын, афтæдæр Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты фæткдæттын æмæ кантролы фæрæзтæ райтынг кæнын.
Гуырдзыстоны парламекнты æддаг ахастыты комитеты сæрдар, Сопио Кацарава хъусын кæны, цæмæй сæрмагондæй НАТО-йы æфсæддон комитет уагъд цæуы НАТО-йы уæнг бæстæты. Гуырдзыстонмæ сæ визит ныридæгæн æртыккæгæм хатт цæуы æххæст, кæцы уый бæлвырдгæнæг у, цæмæй НАТО-йы боны фæткы Гуырдзыстон нысаниуæгджын бынат ахсы.
«Ныхас уыдзæн хъахъхъæнынады сферæйы уагъд реформæтæм гæсгæ, афтæдæр æдасдзинадмæ æмæ æмкуысткæнынад фæтыхджындæр кæнынмæ. Йæхæдæг факт цæмæй амæй размæ НАТО-йы генералон нымæрдар Гуырдзыстоны уыд æмæ ныр НАТО-йы æфсæддон комитет цæуы уагъд Гуырдзыстоны, ноджы фылдæр хахх кæны НАТО-Гуырдзыстоны къуындæг æмкуысткæнынад» – райхъусын кодта Сопио Кацарава.