Гуырдзыстонæн ис ног минæвæрттæ Австрийы, Иугонд Арабаг Эмиратты, Узбекистаны æмæ Белорусы, афтæ дæр Женевæйы ИНО-йы офисы
Гуырдзыстонæн ис ног минæвæрттæ Австрийы, Иугонд Арабаг Эмиратты, Узбекистаны æмæ Белорусы, афтæ дæр Женевæйы ИНО-йы офисы

Гуырдзыстонæн ис ног минæвæрттæ Австрийы Республикæйы, Иугонд Араббаг Эмиратты, Узбекистан æмæ Белорусы республикæты, афтæ дæр Женевæйы ИНО-йы офисы æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты.

Александре Майсурадзе снысан ис Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй Республикæ Австрийы æмæ Гуырдзыстоны иудадзыг минæварæй ОБСЕ-йы æмæ Венæйы уæвæг дунеон организациты. Александре Майсурадзе Гуырдзыстоны дипломативон куысты æндæр æмæ æндæр бынæтты 1998 азæй кусы. Александре Майсурадзе æндæр æмæ æндæр рæстæджы уыд Гуырдзыстоны иудадзыг минæвар НАТО-йы, афтæ дæр Женевæйы ИНО-йы офисты æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты. Александре Майсурадзейæн уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары дипломативон ранг лæвæрд æрцыд.

Реваз Ломинадзе Гуырдзыстоны иудадзыг минæварæй ИНО-йы æмæ Женевайы æндæр æхсæнадæмон организациты снысан ис. Реваз Ломинадзе уыд Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Кипры республикæйы æмæ Швейцарийы конфедерацийы. Реваз Ломинадзейæн уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары дипломатон ранг лæвæрд æрцыд.

Гиорги Джанджгъава Гуырдзыстоны Иугонд Араббаг Эмиратты уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй снысан ис. Ис ын стыр фæлтæрддзинад дипломатон службæйы. Гиорги Джанджгъава 1994 азæй фæстæмæ куыста Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ дипломатон минæвары æндæр æмæ æндæр бынæтты, се æхсæн Гуырдзыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвары бынат Турчы Республикæйы, æндæр æмæ æндæр рæстæджы Гуырдзыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвары бынатыл, Араббаг Паддзахады, Араббаг Республикæйы æмæ Сирий Республикæйы куыд Гуырдзыстоны минæвар Иран æмæ Пакистаны Исламон Республикæты. Гиоргий Джанджгъавайæн лæвæрд æрцыд уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвары дипломативон ранг.

Узбекистаны Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй снысан ис Котария Давит, кæцыйæн ис стыр фæлтæрддзинад куыд сæрмагонд, афтæ дæр паддзахадон секторы куысты. Давид Котария фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ дипломативон минæварады 1998 азæй кусы. Уый Гуырдзыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары бынат ахста Белорусы Республикæйы. Уымæн лæвæрд æрцыд Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвары дипломатон цин.

Гиоргий Саганелидзе Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæварæй Белорусы Республикæйы снысан ис. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æндæр æмæ æндæр бынæтты кусы 1998 азæй фæстæмæ. Гиоргий Саганелидзе уыд Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар РХИ-йы. Уымæн лæвæрд æрцыд Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвары дипломатон цин.

Уый фæдыл информаци æддаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.