Гуырдзыстон-Сомихыстоны паддзахадон арæны цур æрцыд 4.3 асы магнитудæйы зæххæнкъуыст
Гуырдзыстон-Сомихыстоны паддзахадон арæны цур 17:07 сахатыл æрцыд 4.3 асы магнитудæйы зæххæнкъуыст.
Зæххыцъары бацахуыргæнæг зонæдты æмæ сейсмологион мониторингы националон центры информацийæ, зæххæнкъуысты эпицентр уыдис Гуырдзыстоны арæнæй 26 км-ы дæрццæгы æмæ 8 км арфы.
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты хъусын кнынц, цæмæй пырхы æмæ амæттагы фæдыл сæм хъусинаг нæ бацыд.
Гуырдзыстон-Сомихыстоны паддзахадон арæнмæ хæстæг, зæххæнкъуыст абон сæумæрайсом дæр æрцыд.
Зæххыцъары бацахуыргæнæг зонæдты æмæ сейсмологион мониторингы националон центры хъусинагæй, абон 6 июны, Тбилисы рæстæгæй 07:58 сахатыл, Гуырдзыстон-Сомихыстоны паддзахадон арæнæй 8 км-ы дæрццæг, 3,9 (ML) магнитудæйы асы зæххæнкъуыст æрцыд.
Афтæм зæххæнкъуыст уыд 5 июны дæр. Тбилисы рæстæгæй 22:40 минутыл, Азербайджаны, Гуырдзыстоны паддзахзадон арæнæй 28 км-ы 5,6 (ML) магнитудæйы асы зæххæнкъуыст æрцыд. Æсхуыстытæ рахатыдысты Тбилисы цæрджытæ дæр.