ИНО-йы арызт æрвылазон индексмæ гæсгæйæ, сеппæтæй амондджын бæстæты индексы Гуырдзыстон 156 паддзахады æхсæн, 128-æм бынат ахсы. Йæ фæдыл цæуынц Сомихыстон 129-æм бынатыл, Украинæ та -138 позицийыл.
Рейтингмæ гæсгæйæ, Зæххыцъарыл сеппæтæй амондджыныл сæхи нымайынц Финляндийы. Ивгъуыд азы фыццаг бынатыл уыдис Норвеги. Хузыдæр фондзы æхсæн сты Исланди, Дани æмæ Швейцари.
АИШ-æ æмæ Стыр Британи ахсынц 18-æм æмæ 19-æм бынæттæ. Ацы аз, сеппæтæй тыхджын фæразæй ис Того. Ацы бстæ рейтингы 17 бынатæй ацыд размæ, æмæ иуыл фыддæр фæстиуæг та равдыста Венесуэла, кæцы 20 бынатæй бынмæ æрхызт.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, сеппæтæй æнамонд сæхи хатынц Бурундийы æмбæстæгтæ.
Ацы азы хыгъдлæврды автортæ афтæдæр публикаци скодтой уыцы паддзахадты индекс, цы ран мигранттæ сеппæтæй амондджынæй хатынц сæхи, æмæ ацы ранымады фыццаг бынат ахсы Финлянди.
Амондджын бæстæты рейтингы ИНО-йы æрвылазонæй баххæст кæны. Иртасæны 150-йæ фылдæр бæстæ исы хайад. Алкæцы паддзахады 1000 æмбæстагæн банхъарынц 10 баллы системæйæ аргъ скæной цæмæй цас амондджынæй хатынц сæхи уыцы бæстæйы кæцыйы дæр цæрынц.
Ацы рæстæджы, иртасæны автортæ сæ зæрдыл дарынц æндæр бæрæггæнæнтæ дæр, сæ нымæцы ис экономикон райтынг, социалон программæтæ, царды иуыл бæрзонд кар, барæвзары сæрибардзинады хъæд æмæ коррупцйийы æмвæзад.