Гуырдзыстон домы оккупацигонд территоритæм æруадзой, адæймаджы барты хъахъхъæнæг Иуылбæрзонд комисары офис
Мæ визиты сæйраг нысан у- æхсæнадæмон дзыллæйы максималонæй мобилизаци скæнын, ИНО-йы уæнг бæстæты æмæ институтты, цæмæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты уавæр æркæсой – уый фæдыл райхъусын кодта фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанеидзе, ИНО-йы адæймаджы барты Советы сессийы схадзæг кæныны æмæ ИНО-йы генералон нымæрдаримæ фембæлды фæстæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиаг фарс домы æхсæнадæмон æмгарады активон хайад ист æмæ реагирзинад, оккупацигонд регионты архайæг уавæр адæймаджы бартæм æмæ æдасдзинадмæ гæсгæ, афтæма тыхмидзинады конкретон фактытыл, æмæ бынатмæ бауадзын адæймаджы барты Иуылбæрзонд Камисары офисы минæвæртты.
«Ыз бавдыстон информаци Арчил Татунашвилийы мæлæты æмæ дыууæ æмбæстагы æрцахсыны тыххæй ИНО-йы генералон нымæрдарæн, афтæдæр ИНО_йы адæмаджы бартæм гæсгæ Советы уæнгтæн. Мах курæм оккупацигонд территоритæм бауадзой адæймаджы барты хъахъæнæг Иуыл Бæрзонд камисары офисы минæвæртты, кæцы фыст у резолюцийы, кæцыйы мах бавдисдзыстæм ацы сессийыл. Ныфсджын стæм, цæмæй Совет ацы резолюцийæн схъæлæс кæндзæн» – расидтис Джанелидзе.
Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстон фæсарæн хъуыддæгты министрад.