Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны делимитацийы æмæ демаркацийы комиссийы раздæры уæнг Ивери Мелашвили хъусын кæны, цæмæй йæ кусæн уаты фæдагурæг уагдон джигул кæны
Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны делимитацийы æмæ демаркацийы комиссийы раздæры уæнг Ивери Мелашвилийы кусæн уаты фæдагурæг уагдон уадзы джигул. Уый тыххæй Ивери Мелашвили Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта.
«Мæ кусæн уаты джигул кæнынц, ницы загътой цы агурынц», – райхъусын кодта Мелашвили.
Ивери Мелашвили 2006-2017 азты уыдис Гуырдзыстон-Азербайджаны арæны делимитацийы æмæ демаркацийы комиссийы уæнг. Ныр та кусы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады сыхаг бæстæты фæдыл департаменты.
Гуырдзыстоны прокуратурæ ахæлиу кодта фидиуæн, цæмæй æндæр бæстæйæн Гуырдзыстоны территориты хайы алæвæрды æрдæм архайдты фактыл, прокуратурæйы цæуы фæдагуырд. Ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, фæдагуырд райдаыны бындурæй ссис Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады фыстæй информаци, кæцы æххæссыд Гуырдзыстоны паддзахадон арæнты делимитацийы æмæ демаркацийы хицауадон комиссийы куыстмæ. Прокуратурæйы куыд дзурынц афтæмæй, хъахъхъæнынады министрадæй райсгæ информацийæ, комисси, Гуырдзыстон-Азербайджаны паддзахадон арæны бæрæг фадгуытæ, æнæрастæй, бæстæйы территорион интерестæн знаггадгæнгæйæ сразы кодта.
Афтæма, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, 24 сентябры Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министримæ иумæ арызт прессконференцийы райхъусын кодта: «Давит Гареджийы моладзандонон комплексмæ гæсгæ нæм æрбафтыд ног картографион æрмæджытæ æмæ документтæ, кæцы гæнæн ис, æнæмæнгхъæугæ скæна 2006-2007 азты бадзырд ногæй æркæсын».