Роман Гоциридзе парламенты сæрдарæй  æркуырдта, Давит Гареджийы  хъуыддагыл ахст уæнгты  феныны  бар раттын
Роман Гоциридзе парламенты сæрдарæй æркуырдта, Давит Гареджийы хъуыддагыл ахст уæнгты феныны бар раттын

Фракци «Националон Змæлды»  сæрдар  Роман Гоциридзе  баздæхт парламенты сæрдар Арчил Талакъвадземæ, цæмæй  Давит Гареджийы   хъуыддагыл ахст  уæнгты бæрæгдзау  бацæуыны  бар ратта.

Гоциридзе  журналисттæн куыд фехъусын кодта   афтæмæй,   парламенты   сæрдарæй  коронавирусы  мотивæй  нæзагъдимæ не  сразы  уыдзæн, уымæн  æмæ  цæттæ у   тест саразын.

Депутаты банысан кодта,  цæмæй  1991 азы  фæстæ  Советон Цæдис  куы ныппырх ис, уый фæстæ Гуырдзыстон-Азербайджаны  арæнмæ гæсгæйæ, бæстæ  территоритæй  нæ фæхъуаг ис  æмæ  бадзырд дæр ницæуыл уыдис  зæгъгæ.

«Ацы хъуыддаг  сау къæмау  уыдзæн  гуырдзиаг  политикон царды. Арызт цы  цæуæы, уый  æппæт   у мæнг.  Уый у  æвзæрстытæм политикон нысанæй  архайд, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  фидиссаг политикон историмæ бацæудзæн.  Æвзæрстыты фæстæ фæбæрæг уыдзæн, цæмæй  бирæ æндæр  фабрикацигонд  хъуыддагау, ай  дæр æрцæудзæн æхгæд», – загъта Роман Гоциридзе.

Давит Гареджийы  хъуыддагыл   прокуратурæ  фæсарæн хъуыддæгты министрады  кусæг  Ивери Мелашвилийы  æмæ МХМ-ы  кусæг Наталиа Иличовайы  7 октябры  æрцахста.  Уыдоны  фæзылынджын кодтой   Гуырдзыстоны территориты  ныхмæ  архайды.  Тбилисы  горæты  тæрхондон  сын  æфхæрды  хуызæй  стæрхон кодта ахст.  Ахстæттæ  уыдонæн  бавдыст аххосагыл  нæ   сæттынц.