Гуырдзиаг сабырадхъахъхъæнджытæ Афгъанистанæй фыдыбæстæмæ æрыздæхтысты
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты фыццаг фистæгты бригадæйы æмбырдгонд æфсæддон хай, «Хъæддых æххуысы» мисси фæцис.
Хъахъхъæнынады министрады информацийæ, дæлхайы ротæ, майор Антон Кутателадзейы сæрдариуæгææй Афгъанистанæй Гуырдзыстонмæ абон æрыздæхтис.
Ротæ НАТО-йы эгидæййæ Афгъанистаны цæугæ сабырадон миссийы (RSM) æхсæз мæйы дæргъы иста хайад. Ротæ горæт Кабулы базæйы æдасдзинады æмæ тыхты хъахъхъæды мисситæ АИШ-ы сæрдарады дæлбар æххæст кодта.